Ног Зæхх
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ног Зæхх (уырыс. Новая Земля) у сакъадæхты къорд Цæгаты Ихджын фурды, Карскы æмæ Баренцы денджызты ’хсæн. У Уæрæсейы Федерацийы Архангельскы областы хай.
Сакъадæхты къорды ис бирæ чысыл сакъадахы æмæ дыууæ егъау сакъадахы: Хуссар æмæ Цæгат, уыдоны ’хсæн та нарæг (2—3 км) донкъубал Маточкин Шар. Геологийы цæстæнгæсæй сакъадæхтæ сты Уралы хæхтæн сæ дарддæрдзу.
Ног Зæххы дæргъ хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ у 925 км. Æппæт сакъадæхты фæзуат у 83 000 км²-æй фылдæр. Цæгат сакъадахы стырдæр уæрх у 123 км, Хуссар сакъадахы та — 143 км.
Хуссары Ног Зæхх хицæн кæны сакъадах Вайгачæй уæрæх донкъубал Карскы Кулдуарæй.
Сæргæндтæ |
[баив æй] Климат
Климат у карз, арктикон. Æппæты хъармдæр мæй (август) хуссары астæуккаг температурæ у +6,5°С, цæгаты та — +2,5°С. Зымæг вæййы тынг карз æмæ дæргъвæтин.
[баив æй] Цæрджытæ
Бынатон цæрджытæй ам æрмæст неннаг адæм цæрынц: уыдон дæр 100 адæймаджы бæрц. Цæрынц цуанæй.
Ис ам уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр: кусынц полигоны. Сты æртæ мин адæймаджы.
[баив æй] Полигон
1954-æм азы 17 сентябры Ног Зæххы байгом ядерон полигон. Полигоны ис æртæ быдыры:
- Сау Был (Чёрная Губа) (70,7° ц. 54,6° с.) — пайда дзы кодтой 1955—1962.
- Маточкин Шар (73,4° ц. 54,9° с.) — дæлзæхх фæлвæрæнтæ 1964—1990
- Хус Фындз (Сухой Нос) (73,7° ц. 54,0° с.) — 1957—1962.
1955-æм азы 21 сентябры райдайгæ 1990 24 октябры онг ам срæмыгъд 135 ядерон ифтыгъды, уыдонæй 42 дæлзæхх, 87 уæлдафы, 2 денджызы уæлцъар, 3 денджызы дæлцъар.
1963-æм азы августы Советон Цæдис æмæ АИШ бафыстой бадзырд, кæцымæ гæсгæ нал рамыгътой ядерон бомбæтæ атмосферæ, космос æмæ денджызы. Дæлзæххон фæлвæрæнтæ цыдысты 1990-æм азы онг (уæд фехъуысын кодтой ядерон фæлвæрæнты мораторий). Кæд ядерон бомбæтæ ам нал фæлварынц, уæддæр полигон кусы.